Стыр Комдарæн
Чырыстон традицитӕ æмæ адæмон уырнынады æгъдæуттæ
Хуссар Иры цæрджыты фылдæр бæрц сты чырыстонтæ. 27 февралæй уыдонæн æрлæууы Стыр Комдарæн - 47 боны дæргъы рӕстдинонтӕ сæхи хизынц фыдызгъæл æмæ урсаджы хæлцадæй. Фӕлӕ сӕйраг чырыстонтӕн у сӕхи бахизын ӕвзӕр ныхас ӕмӕ фыдмийӕ, стӕй ма сӕ фырмонцтӕ басӕттын. Ацы рæстæг чырыстон диныл хӕст адӕмӕн у хатыр кæнын æмæ быхсыны рæстæг.
Чырыстон традицитимӕ ма Хуссар Иры æмдзу кæнынц адæмон уырнынады æгъдæуттæ дӕр.
Чырыстон традицитӕ
Адæмон уырнынады æгъдæуттæ.
13 - 19 февраль
Галæргæвдæн
Стыр комдарæнæй дыууӕ къуыри раздæр ирон адӕм нысан кодтой Галæргæвдæнтӕ. Ацы къуыри адæм аходæн кодтой фыдызгъæлæй. Хъæзныг бинонтæ–иу аргæвстой, цалдæр аз кæй фæхъомыл кодтой, ахæм гал. Марходарджытæ-иу Стыр комдарæны рæстæгмæ цы бæрæгбонтæ хауд, уыдон нысан кодтой Галæргæвдæн къуырийы.
20 - 26 февраль
Ӕбуалгъ тæрхоны мысæн къуыри – Урсы къуыри
Ӕбуалгъ тæрхоны мысæн къуыри
Стыр Комдарæны размæ къуыри рӕстдины хонынц Ӕбуалгъ тæрхоны мысæн рӕстӕг. Ацы бонтӕ нымад цæуынц Комдарæнмæ цæттæгæнæн рæстæгыл. Динамонджытӕ цӕрджытӕн ӕмбарын кӕнынц Стыр Комдарӕны нысаниуӕг. Ацы бонтӕй райдайгӕйӕ чырыстонтæ сæхи фæхизынц фыдызгъæлæй.
Урсы къуыри
Ирон адæмон æгъдæутты дæр ис æнгæс фæтк – мархойы размӕ къуыри нӕ фыдӕлтӕ хуыдтой Урсы къуыри - аходæн кодтой урсаджы хæлцадæй - æхсыр, цыхт, мисын, нæлхæ, царв æмæ æндæртæй. Раг заманты ацы бонты кодтой уӕлибыхтӕ, ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл нымадтой бӕлццоны ӕрбахонын.
26 февраль
Хатыргæнæн хуыцаубон
Чырыстон къæлиндармæ гæсгæ къуыри райдайы хуыцаубонæй, уымæ гæсгæ рæстдинонтæн Стыр Комдарæн райдыдта 26 февралы Хатыргæнæн хуыцаубонæй. Ацы бон диныл хӕст цӕрджытӕ хатыр фæкурынц Хуыцауӕй, се ʻввахс адæмæй æмæ сӕхӕдӕг дӕр ныххатыр кæнынц аннæтæн сæ рæдыдтытæ, цæмӕй Комдарӕнмӕ бахизой сыгъдæгæй.
27 февраль - 15 апрель
Стыр Комдарæн
Рæстдинонтæ мархо дардзысты авд къуырийы дæргъы, уыдонæй иууыл карздæрыл нымад цӕуынц фыццаг æмæ фæстаг къуыритæ. Алайнаг епархийы динамонджытæ уынаффæ кæнынц цӕрджытӕн, се 'нæниздзинад сæ куыд амоны, афтæ 'ххæст кæнын Стыр Комдарæн.
Фыццаг къуыри
4 март
Тутыртæ
Ацы бон сабитæн сæ хæдæттыл фӕхуыйынц сырх æндахæй дзуæрттæ. Динамонджытæ фæдзæхсынц, ацы æндах кӕй хъуамæ æрцæуа аргъуыд.
6 - 26 март
Мæрдты мысæн бонтæ – Лауызгæнæнтæ
Мæрдты мысæн бонтæ
Стыр комдарæны дыккаг, æртыккаг æмæ цыппӕрæм къуыриты чырыстонтæ мысынц сӕ зиӕнтты. Цæттæ кæнынц дзӕрна æмæ ӕндӕр хæлцад ӕмӕ сӕ хæссынц Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъауанмæ арфæмæ.
Лауызгæнæнтæ
Ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ, майрæмбоны зæронд мæрдтæ уыдысты сæрибар. Ног мæрдтæй уый зæгъæн нæй: уыдон фæтæрсынц, сæ бынат сын исчи куы байса, исчи йæ куы бацахса, зæгъгæ, æмæ никуыдæм фæцæуынц. Зæронд мæрдты ницы фæуромы æмæ рацæуынц сæ бинонты, сæ хæдзæрттæ фенынмæ. Се ʻссыдмæ бинонтæ бафснайынц, ныссыгъдæг кæнынц хæдзар, сцæттæ кæнынц алыгъуызон хæринæгтæ, фæлæ сæйрагдæр вæййынц лауызтæ.
Изæры бинонты хистæр фынджыдзаг ныххæлар кодта. Иууылдæр сбадтысты. Бинонтæм афтæ кæсы, сæ зиан дæр фынджы уæлхъус кӕй бады æмæ хæры, нуазы, ныхæстæм хъусы. Боныцъæхтæм хæдзары фæуыдзæн, стæй дымгæйы фыццаг улæфтимæ йе 'цæг дунемæ атæхдзæн.
Уыцы фæндаг та у даргъ, зын, бирæ цæлхдуртæ, бирæ фыдæбæттæ кæм бавзардзысты мæрдтæ, ахæм. Фæлæ йыл ацæудзысты, азы дæргъы цы хæрдзысты, цæмæй цæрдзысты, уыцы «дзыджын» агурæг. Фæцæудзысты æнæхъæн къуыри æмæ бафæллайдзысты, бастайдзысты, сæххормаг уыдзысты æмæ та сын се 'ссыдмæ иннӕ къуыри дӕр саразын хъæуы фынджыдзаг. Уый та вæййы дыккаг Лауызгæнæн.
Ис æндæр хъуыды дæр. Лауызгæнæнтæ вæййынц Комбæттæны. Æмæ-иу уæд ирон адæм сæ мæрдты тыххæй скодтой мархойы хист, ома мæрдтæ дæр ком дарынц æмæ сын мархойы хæринæгтæ ныххæлар кæнæм, зæгъгæ. Фынгыл-иу æрæвæрдтой лауызтæ, цæкуытæ, дзæрна мæнæу æмæ хъæдурæй, фых картофтæ, картофджынтæ, хъæдурджынтæ, лакъамитæ, кæф, арахъхъ, бæгæны, къуымæл.
22 март
Севастиаг 40 хъизæмаргæнæджы мысæн бон
Севастиаг 40 хъизæмаргæнæджы мысæн бон æрхауы Стыр Комдарæнмæ, уӕд дунейы рæстдинонтæ мысынц, фыдмитæ æмæ хъизæмæрттæм æнæкæсгæйæ йæ диныл йæ къух чи нæ систа, уыдон сыгъдæг нæмттæ.
Севастиаг 40 хъизæмаргæнæджы уыдысты рæстдинон æфсæддонтæ, кæцытæ хъизæмар мæлæт райстой сæ уырнынады сæрыл 320 азы цад Севастийы, Чысыл Сомихстоны, ныры Турчы территорийыл.
Уыдысты римаг æфсады сконды æмæ сæ фæтæг ʻрдомдта муртаттаг хуыцæуттæн нывонд æрхæссын. Рӕстдинонтӕ не сразы сты. 40 æфсæддоны ныккалдтой æнæ дарæсæй уазал цады. Фыдæлты таурæгъ дзуры, уыдонӕй райсоммæ куы ничи баргъæвст, уæд сӕ римаг æфсæддонтæ ныцъцъæл кодтой, уый фæстæ сӕ басыгътой æмæ сæ бакалдтой доны.
Севастиаг 40 хъизæмаргæнæджы мысæн боны цытæн рæстдинон аргъуан карз мархойы дæтты чысыл фылдæр бартæ.
7 апрель
Мад Майрӕмы Хорзуацы Фехъуысӕн
Ацы рæстдинон бæрæгбон марходарæг адæмæн ис чысыл уæлбар - аходæн кæнынц кæсагӕй, чысыл сырх сæн дӕр аназынц.
8 апрель
Уаз Лазары сабат
Ацы бон марходарæг чырыстонтæн бар ис еугæфæй басихор кæнын.
9 апрель
Донхӕрисхæссæн хуыцаубон – Зазхæссæн
Донхӕрисхæссæн хуыцаубон
9 апрелы чырыстон диныл хæст адæм банысан кӕндзысты Иерусалиммæ Хуыцауы æрцыд. Ацы бон кувӕндӕтты донхæрисы къалиутыл саргъауынц сыгъдӕг донæй, уый ӕвдисы, цард кӕй фӕуӕлахиз мæлæтыл — Чырысти райгас.
Библийы фыст ис, зæгъгæ, ацы бон Чырысти дзуарыл йæ хъизæмæртты райдианæйцалдæр боны размæ бацыд Иерусалиммæ. Адæм, кады зарæг кæнгæйæ, йæ фæндагыл калдтой пальмæйы сыфтæ.
Зазхæссæн
Афтæ хуыйны мæрдты номарæн бон. Нæлгоймаг мæрдты номыл-иу сарæзтой æмæ срæвдз кодтой æлæм, дугъы-иу уадысты, кодтой æхсæны хист; сылгоймаг мæрдты номыл та цыдысты уæлмæрдтæм, сæ ингæнтыл сын æвæрдтой, раздæр-иу æгъдаумæ гæсгæ цы зазы къалиутæ сфæлындыдтой, уыдон (йæ ном дæр Зазхæссæн уымæн хуыйны).
27 февраль - 15 апрель
Мархойы рæстæджы динамонджытæ сидынц ацы хæлцадæй аходæн кæнын
Цъоййæ дзул, сау дзул
Кæцыфæнды халсары лæхурæгæй кастæ доныл фыхæй
Сæрдыгон æхгæдтæ, сæрмагондæй та цæхджынтæ, мураба, дыргътæ сæкæрдоны фыхæй
Зокъотӕ æндæр æмæ æндæр хуызы фыхæй
Хъæдур æмæ тымбылхъæдур доны фыхæй
Ӕхсæр, æнгуз æмæ хус дыргътæ
Æппæт халсæртæ фыхæй æмæ хомæй. Дыргътæ æмæ гагадыргътæ
Денджызон хæлцад (кальмартӕ, креветкӕтӕ, мидитӕ)
Фыд Иаков:
"Стыр Комдарæны рӕстӕджы рӕстдинонтӕн сӕйраг хӕрдӕй сӕхи бахизын нӕу, фӕлӕ монон сыгъдӕгдзинад — уыдон хъуамӕ тырной сӕхи аиппӕрд кӕнын фыдми, ӕвзӕр ныхас ӕмӕ хъуыдытӕй."

"Бинонтæ скæнын æмæ аргъуыд райсыны фæнд кæмæ ис, уыдон мархойы рæстæджы хъуамæ сæхи цæттæ кæной уыцы вазыгджын къахдзæфмæ, фæлæ сæ Комдарæнмæ æрхæссын у тобæгонд".
Фыд Иаков:
"Стыр Комдарæны рӕстӕджы рӕстдинонтӕн сӕйраг хӕрдӕй сӕхи бахизын нӕу, фӕлӕ монон сыгъдӕгдзинад — уыдон хъуамӕ тырной сӕхи аиппӕрд кӕнын фыдми, ӕвзӕр ныхас ӕмӕ хъуыдытӕй."

"Бинонтæ скæнын æмæ аргъуыд райсыны фæнд кæмæ ис, уыдон мархойы рæстæджы хъуамæ сæхи цæттæ кæной уыцы вазыгджын къахдзæфмæ, фæлæ сæ Комдарæнмæ æрхæссын у тобæгонд".
16 апрель
Куадзæн
Ацы бон Чырыстонтæ нысан кæнынц хорздзинады фӕуæлахиз æвзæрдзинадыл. Чырыстийы райгасы бонæй балхынцъ вæййы Стыр Комдарæн. Куадзæны фынджы сæйраг атрибутыл нымад цæуынц рæсугъд ахуырст рæвдуæттæ æмæ адджын гуылтæ. Адӕм кæрæдзийæн раарфæ кæнынц Чырыстийы райгасы фæдыл.
Ирон адæм-иу Куадзæны сæхи ирхæфстой, ссардтой-иу мæрдты ном дæр, æрмæст хæхбæсты иуæй-иу рæтты Куадзæны бон мæрдты ном арыны бар нæ уыдис. Фæлæ фылдæр бæрцæй ног мæрдджынтæ цыдысты уæлмæрдмæ æмæ рухс кодтой сæ зиæнттæн.
Made on
Tilda