Уд ӕмӕ буары хос
Нагутнийы «Ныфс»
Знауыры районы Нагутнийы хъæумæ хæстæг ис ӕвӕрд республикæйы иунæг санаторий «Ныфс». Уый улӕфджытӕн йæ дуæрттæ æрбакодта июлы райдианы.
Нагутнимӕ фӕндаг Цхинвалӕй цӕуы дӕрдтыл – Знауыр ӕмӕ Балтайыл.
Цӕуӕм «Ныфс» агурӕг


Горæты тыхызмæлд, æнтæф æмæ уæззау уæлдæфæй сæхи бааууон кæнын æмæ хосгæнæн донæй ваннæтæ райсынмæ Нагутнимӕ æрвылаз дæр фæуазæг вæййынц сæдæгай адæймæгтæ.
Бирæтæ ам аппарынц раздæр цы лæдзгуыты æнцой цыдысты, уыдон.

Цхинвалæй Знауыры онг кæны хæрзвадат сосæ фæндаг, уый фæстæ улæфæндон «Ныфс»-мæ хъæуы абалц кæнын Балтайы хъæуыл. Куыддæр хæдтулгæйы рудзынгæй фæтары вæййынц Знауыры районы административон бæрзонд бæстыхæйттæ, афтæ фесæфы асфальт, ныммыр вæййы машинæйы магнитофоны радиойы уынæр дӕр.
Дард, фӕлӕ рӕсугъд фӕндаг
Балтайы фæндагыл æмбæлы бирæ адæм — тыгуыртæй сыхæгтæ бадынц кæртыты. Хæдзарон фос, бæх æд байраг тезгъо кæнынц уынгты, капиталон арæзт дыууæуæладзыгон хæдзæрттæ ивынц кæрæдзи, се ʻхсæн ног арæзт хъæдын хæдзæрттæ дӕр.

Ам æрбынат кодта Уæрæсейы арæнхъахъхъæнджыты базæ, ног арæзтæдтæ дардмæ цæсты хауынц.
Балтайæ Метъехы ʻрдæм хæдтулгæ куыд фæкъул ис, афтæ æрбатары мобилон бастдзинад, фæуынгæг фæндаг æмæ фæфылдæр сты дзыхъхъытæ. Фæндагыл æрбахъæбыс кодтой бæрзонд бæлæстæ æмæ йæм хуры рухс нал уадзынц.

Йæ фæрсты згъоры цæугæ дон, рæхснæг бæрзонд нæзы бæлæстæ сæ сæртæ арвы онг систой, сæ бындзæфхæдтыл сын дзæгъæлдзу йæхи æрбатыхта. Ам цæрæг дæр нал ис, æвæрд хъæдæй ма йæ хицæн кæны ног хафт фæндаг — уый сарӕзта районы администраци улæфæн сезонмæ.
Афтæ фæдзурынц, зæгъгæ, Нагутнийы куыста хуыгæсæй иу уырыссаг лæг, тынг раджы уыд уыцы хъуыддаг. Зымæгон уазал бон йæ заинаг дзæргъы агурæг хъæды куы адзæгъæл, уæд бамбæлд ацы доныл. Хуыгæсы дисы бафтыдта, уыцы уазалы лæугæ дон кæй нæ салд. Уый фæстæ доны арвыстой экспертизӕмӕ, афтæ фæбæрæг сты йæ диссаджы хосгӕнӕн æууæлтæ.
Джони, хосгӕнӕндон «Ныфс»-ы хӕдзарадгӕс
«Ныфс»
Хосгæнæндоны диссаджы æууæлты кой айхъуыст 1972 азæй фæстæмæ ӕмӕ ардæм адæм цæуын райдыдтой ваннæтæ исынмæ, фæлæ дзы арæзтæдтæ нæма уыд.

2002−2003 æзты санаторий «Ныфс» сарæзта Знауыры цæрæг амалиуæггæнæг Чилæхсаты Владимир, хосгæнæндон скуыста куыд æцæг пансионат афтæ.
Ам сæвæрдтой коттеджтæ æмæ æндæр арæзтæдтæ. Азæй азмӕ та кæны рæсугъддæр. Ныридæгæн ам цæрæн бæстыхæйттæй дарддæр ис хæрæндон, ваннæтæисæн хатæн, сæрдыгон мæнгагъуыст, улæфæндæттæ — уыдонæй иу тæккæ цæугæдоны сæр, медпункт, фонтан, хиирхӕфсӕн хатӕнтӕ алыгъуызон музыкалон инструменттимӕ, шашкӕтæ, шахмӕттæ, бильярд æмæ æндæртимӕ.

Иу дзырдӕй, алкæцы адæймаг дæр йӕ процедурӕты фӕстӕ ссардзæн, йæхи цæмӕй аирхæфса.
Ӕрдз
Хосгæнæндон "Ныфс" æрбынат кодта кæмтты ʻхсæн тар хъæды æрхъулайы. Цалдæр километры дӕрддзæф æм цæрæг нæй.

Улæфæндонмæ æввахс згъоры цæугæдон, уый æхсæрдзæнтæм бирæ улæфджытæ абалц кæныц, æмæ сæхи ныннайынц их доны.
Санаторийы хӕдзарадгӕс Джони скодта ам алыгъуызон маргъ — ис æм ӕгӕрыстӕмӕй бæлоны мыггӕгтæй "американский дракон"-ы къай дӕр.

Тæвд боны æнтæфæй улæфджытæ сæхи айсынц сатæг бынæтты агъуыстытæм æмæ тæригъæд кæнынц, сæрдыгон æнтæфы горæты кæй хъæуы цæрын, уыдонæн.
Захарова Римма
Хосгæнæндон «Ныфс»-ы дохтыр - терапевт
Санаторий кæд дзæнæттаг бынаты ис, уæддæр æм фылдæр бæрцæй тырнынц улӕфынмӕ нӕ, фӕлӕ хоскæныны тыххæй.

  • Къæхты, нервтæ æмæ зæрдæйы низтæй чи тыхсы, уыдонæн тынг хорз у ам. Бирæтӕ ам фæуадзынц цы лæдзгуыты æнцой ӕрцыдысты, уыдон дæр.

  • Фæлæ дон хос куыд кæны, афтæ бирæтæн та кæны хъыг. Афтæ æппæт онкологон низтæй чи у рынчын, уыдонæн ам ваннæтæ сты тобæгонд.
Захарова Римма
Хосгæнæндон «Ныфс»-ы дохтыр - терапевт
Санаторий кæд дзæнæттаг бынаты ис, уæддæр æм фылдæр бæрцæй тырнынц улӕфынмӕ нӕ, фӕлӕ хоскæныны тыххæй.

  • Къæхты, нервтæ æмæ зæрдæйы низтæй чи тыхсы, уыдонæн тынг хорз у ам. Бирæтӕ ам фæуадзынц цы лæдзгуыты æнцой ӕрцыдысты, уыдон дæр.

  • Фæлæ дон хос куыд кæны, афтæ бирæтæн та кæны хъыг. Афтæ æппæт онкологон низтæй чи у рынчын, уыдонæн ам ваннæтæ сты тобæгонд.
Улæфджытæ
Хæрзарæзт чысыл коттеджты нырма бирæ адæм нæ цæры, фæлæ улæфджытæ сты райгонд.

Уыдон æрæмбырд сты ардæм Цхинвал, Ленингор, Знауыр, Дзæуджыхъæу, æгæрыстæмæй Мæскуыйæ дæр.

Чи сæ улæфæндонмæ ʻрбафтыд фыццаг хатт, кæцыдæртæ æрвылсæрд дæр сæ рæстæг арвитынц Нагутнийы.
Хосгæнæндоны улæфджытæ сæхи ирхæфсынц бильярд, шахмæттæ, шашкитæ æмæ 'ндӕр хъæзтытæй, хур куы фæкъул вæййы, уæд та саразынц хъазт. Æххæст сты музыкалон инструменттæй дæр.

Улæфджытæй алчи хосгæнæн ваннæтæм нæ тырны, уыдон сæхи райстой горæты тыхзмæлд æмæ ӕгуыппæг тæвдæй æрдзы хъæбысмæ.

Ацы санаторимӕ тырнынц куыд ацӕргӕ, афтӕ ӕвзӕнгтӕ дӕр, куыд республикӕйы цӕрджытӕ, афтӕ ӕддейӕ дӕр.
Хосгӕнӕндон «Ныфс»
ТЕКСТ
Плиты Фатима

ДИЗАЙНЕР
Хацырты Донат

СӔРГЪЛӔУУӔГ
Ордян Нарек
РЕДАКТОР
Тадтаты Андрей

ФОТО
Айриян Наталья

ВИДЕО
Тадтаты Руслан
Хаситы Михаил