Рӕсугъд, уӕздан ӕмӕ тыхджын
Хуссар Ир фæстаг æзты кæны ног сыфтæ спорты, чызджытæ ныггуылф кодтой, æнусы дæргъы нæлгоймæгтæ цы ран æлдариуæг кодтой, уыцы секцитæм.

Дзыллон информацийы фæрæзтæ æрвылкъуыри фыссынц ирон спорты сгуыхтдзинæдтыл, се `хсæн арæх æрттивынц чызджыты нæмттæ. Цхинвайлаг сылгоймæгтæ расгуыхтысты армспорты, ӕмбуар хӕсты, кекусин-кан картейы, дзюдойы, сæхи фæлварынц боксы, хъæбысхæсты æмæ футболы.
БАРСАЛАНТÆ
БАРСАЛАНТÆ
Юрий æмæ йæ командæ "Барсалантæ" футболы скъола "Фæранк"-ы фæзуатыл æрвылизæр цæттæ кæнынц сæхи. Хуссар Ирыстоны сылгоймæгты футбол æнцой кæны 25 чызгыл. Чызг-футболисттæ нырма сæхицæн саразын кодтой футболы секци. Ӕрыгон фæсивæдмæ ис дардцæуæг фæндтæ – спортивон кадмæ бæллæг чызджытæ Уæрæсейы æмбырдгондмæ нæ тырнынц, фæлæ сæ сæнтты ис клуб "Барселона"-йы хъазджытæ суæвын.

Футболы тренер Кокойты Юрий чызджыты æфсæрст нæ бафæрæзта æмæ сæ, дæргъвæтин гуызавæйы фæстæ, райста цæттæ кæнынмæ.
Кокойты Юрий
Футболы тренер
"Чызджытæн секци официалон æгъдауæй нæй. Мæ бинонтæ мæ не ʻмбарынц, мæ сæрибар рæстæг дæр кусгæйæ цæмæн æрвитын, уый. Футболы скъола "Фæранк" дæр, нæ уавæрмæ кæсгæйæ, бауагътой сæ фæзуатмæ цæттæ кæнынмæ. Ныфсытæ æвæрæм нæхицæн, ацы къордæн цавæрдæр статус ратдзысты æмæ нæ искуы сфидар кæндзысты, уымæн æмæ нырма стæм уæлдæфы."

Футболыл ма æнувыд у Нина Гогидзе. Чысыл цæрдæг чызг фыццаг бакодта фæндаг чызджытæн футболмæ, уый æрæмбырд кодта къорд æмæ бахатыд тренермæ. Йæ бæллицимæ разы не ʻсты бинонтæ. Мад Нинайы нæ уадзы секцимæ, фæлæ æрхъуыдыджын чызг бадзырд сарæзта йе ʻфсымæримæ.

"Нæ мæ уагъта мæ мад, æз ме ʻфсымæрæн ныллæгъстæ кодтон æмæ уый сразы ис, цæмæй цæуон футболмæ. Ныр мæ мад хъуыды кæны, æз дæн музыкæйы урокыл, æз та згъорын хъазты", — зæгъы чызг.
Left
Right
Цхинвайлаг чызджытæм æрбамбал сты уæрæсейаг æфсæддонты зæнæг дæр, кæцытæ нырмæ хъазыдысты сæхи горæтты.

Цалдæр мæймæ чызджытæн фæзынд сæхи фанаттæ дæр, кæцытæ сæ хъус дарынц сæ хæларадон хъазтытæм æмæ тренировкæтæм.

Тренеры фæнды ис чызджыты къорды æрбалæугæ азы сæ фыццаг ерыстæм акæнын Дзæуджыхъæумæ.

Чызджытæ сæхи `хсæн иууыл курдиатджындæр футболистыл нымайынц Цхуырбаты Линайы. Командæйы капитаны хыгъды ныридæгæн дæр ис 100 голы бæрц æмæ йæ ных сарæзта Испанийы клуб "Барселона"-мæ.
Цхуырбаты Лина
Командæйы капитан
"Махæн нæ лæппуты клуб хуыйны "Барсалан", мах дæр ацы ном райсдзыстæм æмæ уыдзыстæм "Барсаланкæтæ". "Барсалантæй" "Барселонамæ" цас ис, æмзæл нæмттæ сын ис, чизоны мын бантыса мæ уарзон къордæй мæ бæллиццаг клубмæ бахауын."

БАМБÆХСУТ!
ЧЫЗДЖЫТÆ-БОКСЕРТÆ
БАМБÆХСУТ!
ЧЫЗДЖЫТÆ-БОКСЕРТÆ
Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт чызджыты бокс фæзынд 2016 азы æмæ нырма кæны фыццаг къахдзæфтæ. Кæд сылгоймæгтæн хицæн секци нæй, уæддæр авд чызджы лæппуты æмрæнхъ нæдæр ныхмæлæууæджы уæззау цæфæй тæрсынц, нæдæр цæсты бын цъæхтæй.

Сæ тренерты уырны, Джиголаты Инна, Уалыты Алана æмæ Гаглойты Аланайы кады ном Ирыстонмæ кæй æрыхъуысдзæн дунейон турниртæй.
Гæбæраты Гамлет
Боксы тренер
"Ивгъуыд азы спорты галуаны къæсæрæй боксы фæдыл бахызтысты фыццаг чызджытæ. Мах дæр бирæ уынаффæты фæстæ нæхимæ райстам чызджыты цæттæ кæныны бæрн æмæ фæлварæн разынд æнтыстджын. Цалдæр мæймæ къордæй рахицæн сты фыццаг стъалытæ."

Æрвылизæр æхсæз сахатыл спорты галуан "Олимп"-ы райдайынц æрыгон боксертæн тренировкæтæ.
30 лæппуйы ʻхсæн змæлынц, фæстæ ницæмæй лæугæйæ, чызджытæ дæр.
Чызджыты лæппутимæ иумæ цæттæ кæнынц тренертæ Хаситы Владислав, Гæбæраты Гамлет æмæ
Цоциты Эдгар.

Къæсхуыр, æфсæрмгæнаг, даргъдзыккуджын рæсугъд чызджытæм фыццаг бакастæй зынрахатæн у, цы сæ ныххæцын кодта ацы тызмæг спортыл.
Left
Right
"Ис нæм хорз чызджытæ, хицæн сæ кæны куыстуарзондзинад. Чидæртæ сæ нырма кæронмæ нæ райхæлдысты, фæлæ семæ кусæм æмæ йæ рæстæг равдисдзæн, суыдзысты аккаг боксертæ æви нæ", — бафтыдта йæ ныхæстæм тренер Хаситы Владислав.

Тренертæ æвæрынц стыр ныфсытæ сæ чызг-хъомылгæнинæгтæй æмæ сæ нæмттæ нырма кæй райхъуысдзысты Ирыстоны.
Хаситы Владислав
Боксы тренер
"Гаглойты Аланæ не ʻстыр ныфс у. Уникалон чызг у, уым æмиуад кæнынц курдиат æмæ куыстуарзт. Ацы дыууæ миниуæджы дзы æнæмæнг сараздзысты уæлахиздзау.
Æхсæз мæйы фæстæ йæ акодтам турнирмæ æмæ дзы йæхицæй бирæ уæззаудæр æмæ фидардæр чызджы ныддæрæн кодта. Нæхæдæг дæр ыл фæдис стæм. Цас йæ ныхмæлæууæг фидардæр вæййы, уый бæрц тынгдæр фæтырны уæлахизмæ. Уырны мӕ, Ирыстоны йын ныма йӕ ном фӕхъусдзысты."

Дзюдо æмæ чызджытæ
Дзюдо æмæ чызджытæ
Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы дзюдо æмæ самбойы секцийы уæлидзинад кæны чызджыты нымæц – секцийы архайы 20 чызджы. Зынгæ къаддæр уым у лæппуты нымæц. Чызджытæ хицæн кæнынц сæ спортивон æнтыстытæй дæр.

Ацы секцийы татами амондджын разынд Ӕлборты Аланæйæн. Уый архайы 70 кг уæзы æмæ бирæнымæц уæлахизты фæрцы ныр цæттæ кæны йæхи Уæрæсейы сгуыхт тренер Гæбæраты Автандилмæ. Цхинвайлаг дзюдоисткæ ис Уæрæсейы олимпиаг резервы скъолайы сконды. Уый фæндагыл слæууыдысты секцийы аннæ чызджытæ дæр.

Фæлæ уыдонæй иууыл æнтыстджындæрыл тренертæ ныртæккæ нымайынц Цхуырбаты Кристинайы. Иу турнирæй дæр æнæ майдан не ʻрыздæхы.
Цхуырбаты Кристина
Дзюдоисткæ
"Ис мын иууыл бæрзонддæр аргъы 5 майданы æмæ 10 призон бынаты, фæлæ уый нырма у старт."
Цхуырбаты Кристина
Дзюдоисткæ
"Ис мын иууыл бæрзонддæр аргъы 5 майданы æмæ 10 призон бынаты, фæлæ уый нырма у старт."
Фæсивæды цæттæ кæныны процесс цæуы бон дыууæ сахаты бæрц. Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы дзюдоисттæ сæ куыст балхынцъ кæнынц изæры фондз сахатыл, уыцы рæстæгмæ та гауызмæ æрбагуылф кæнынц чысыл уæгъдибар хъæбысхæцджытæ.
Left
Right
Ноджы ма иу фæзминаг дæнцæг фæсивæдæн у сæ тренер — Советон Цæдисы спорты мастер, фыццаг категорийы тренер Тъуриты Тенгиз. Уый у иунæг спортсмен Хуссарирыстойнаг автономон областæй, кæцы рамбылдта Советон Цæдисы ерыстæ самбойæ 1974 азы.

Тенгиз тынг ауды йæ хъомылгæнинæгтыл æмæ сын се 'нтыстытæй у сæрбæрзонд.
Тъуриты Тенгиз
Дзюдойы тренер
"Хорз фæсивæд мæм ис, чызджытæ та уæлдай тынгдæр арахайынц. Бæллын уыдон дунейы ерысты фенын æмæ та спорты руаджы Ирыстоны ном ногæй скадджын кæнын."
Тъуриты Тенгиз
Дзюдойы тренер
"Хорз фæсивæд мæм ис, чызджытæ та уæлдай тынгдæр арахайынц. Бæллын уыдон дунейы ерысты фенын æмæ та спорты руаджы Ирыстоны ном ногæй скадджын кæнын."
Фыццаг чызг-богалтæ Хуссар Иры
Фыццаг чызг-богалтæ Хуссар Иры
Хуссар Ирыстоны спорты ахӕм хуыз, куыд сылгоймæгты хъæбысхæст, нырма æнцой кæны Джиоты хотæ — Дзерассæ æмæ Амандайыл. Ацы дыууæ хойы сты иунæг чызг-богалтæ æгас республикæйы. Тренерты ныфс ис, уыдон кæй фæцудын кæндзысты япойнаг чызг-хъæбысхæцджыты æлдарад.

Хуссар Ирыстонæй ацыд бирæ зындгонд хъæбысхæцджытæ, бирæтæ сӕ схызтысты дунейы чемпионатты æмæ суанг олимпиаг пьедесталмæ дæр, фæлæ уыдон се 'ппæт дæр уыдысты нæлгоймæгтæ. Ныр та ацы бæрзæндтæм тырнынц цхинвайлаг чызджытæ.
"Сентябрæй фæстæмæ нӕм цæуынц ӕмӕ кæд адарддæр кæной сæ куыст, уӕд сын ис хорз фидæн. Ӕппæт бæрæггæнæнтæй дӕр сты хайджын, фæлæ æнтыст бирæ цӕмӕйдӕрты кæнгæ у. Хъæуы ныййарджыты æмбарынад, хи куыст, тренерты куыст æмæ фадæттæ. Фӕлæ ма æппæт уыдæтты фæстæ хъуамæ уа амонд дæр, ацы спорт лотереяйæ хъавджы нæу", — радзырдта уæгъдибар хъæбысхæсты скъолайы директор Тедеты Мурӕт.

Тренировкæтæ сывæллæттæн райдайынц изæры фондз сахатыл. Мæскуыйаг микрорайоны залы гауызыл æртæ тренеры хъусдарды бын змæлынц фæсивæд. Дыууæ чызджы хицæн кæнынц сæ активондзинадæй, куы рæтæны цъуппæй акæсынц, куы та лæппуты æрбынæй кæнынц.

Дзерассæ æмæ Аманда уæгъдибар хъæбысхæсты секцимӕ цæуынц цалдæр мæйы, фæлæ сæ ныридӕгӕн дæр хицæн кæны фидар физикон тых æмæ уӕлахизтӕм тырнындзинад.
Left
Right
Уæлдай тӕлтӕгдæр хотӕй у кæстæр — Дзерассæ. Уый, чысыл ас æмæ къæсхуырдзинадмæ æнæкæсгæйæ, нæ зоны фæллад æмæ тас.

Чызджыты тренеры ныхæстæм гæсгæ, тагъд рæстæджы дыууæ хо фембæлдзысты сæ фыццаг ныхмæлæуджытимӕ.
Джиоты Дзерассæ
æвзонг хъæбысæйхæцæг
"Уарзын хъæбысæй хæцын æмæ йæ нæ хъавын ныууадзын. Цæргæ Хъорнисы кæнæм, изæры нæ æркæны тренировкæтæм нæ фыд. Фæнды мæ ацӕуын Дзæуджыхъæумæ æмæ уыдон чызджыты дæр ныббырсын."

Кекусин-кан карате
Кекусин-кан карате
Ноджы ма чызджытæн иу æнахуыр спорт, цы ран хуссарирыстойнаг спортсменкæтæ сты æнтыстджын — у кекусин-кан карате. Фæсивæды цæттæ кæны тренер Созаты Владимир.

Фæсивæд регионалон турнирты уæлахизтыл нæ хъæцынц, фæлæ басастой Уæрæсейы фыццагад дæр. Дудайты Донна æмæ Гаглойты Диана æнтыстджынæй сæхи равдыстой каратейæ æппæтуæрæсейаг турниры.
Донна архайы ацы спорты æртæ азы дæргъы , йæ къухы бафтыд Уæрæсейы фыццагады сыгъзæрин майдан. Диана цæттæ кæны йæхи зынгæ фылдæр рæстæг, уый кекусин-кан каратеимæ йæ цард куы сбаста, уæдæй рацыд 7 азы.

Уæдæй нырмæ чызг йæхи хизы йæ спортивон цæттæдзинад æмæ физикон тыхæй татамийæ дарддæр ма спайда кæнын, фæлæ, æвæццæгæн, æнæ уæлвæтк фæткæвæрд нæй. Чызджы иу хатт бахъуыд ныххойын цалдæр лæппуйы.
"Чысылæй æнæуæндон уыдтæн æмæ мæ ныййарæджы фæндыд цæмæй фæкъæйныхдæр уыдаин. Мæ фыды фсымæр дæр мæ разæнгард кодта спортмæ æмæ афтæ æрбафтыдтæн секцимæ. Еныр цалынмæ æппæт хорзæхтæ дæр мæ къухы бафтой, уæдмæ дзы нæ фæхицæн уыдзæн", - загъта Донна.
Дудайты Донна кæд æрмæстдæр æртæ азы цæуы ацы спортмæ, уæддæр йе ʻнтыстытæ сты зынгæ ахадгæдæр – уый у Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау, фæлæ уыцы титулыл нæ хъæцы, йæ фæнды ис дунейон æмвæзадмæ ахизын.
"Зыдтон æй, мæнæн мæ тыхæй татамийæ дарддæр пайда кæнын раст нæу, фæлæ мын æндæр гæнæн нæ уыд. Рцæугæ лæппутæ нæм ныхасæппарæнтæ кодтой, канд нæхицæн нæ дзырдтой æфхæрæн ныхæстæ, фæлæ ма нæ бæстæ æмæ не ʻвзаджы тыххæй дæр. Мæхи нал баурæдтон", - радзырдта Гаглойты Диана.
Ӕмбуар
хӕсты дæснытæ
Ӕмбуар
хӕсты дæснытæ
Æмбуар хæстæй Хуссар Иры ис дыууæ секцийы. Дыууæ тренер Хъуылымбегты Мамед æмæ Уалыты Вахтанг кусынц сæхи къордтимæ сывæллæтты æмæ æрыгон фæсивæды скъолайы бæстыхайы.

Сæ хъомылгæнинæгты ʻхсæн ис чызджытæ дæр. Хъуылымбегты Мамеды хъомылгæнинаг Дыгъуызты Виктория бынтон ӕвзонгӕй йӕ фидӕн сбаста, чызгӕн ӕнахуыр чи у, спорты ахӕм хуызимӕ — бацыд ӕмбуар хӕсты секцимӕ.
Дыгъуызты Виктория
ӕмбуар хӕсты спорты мастер
Дыгъуызты Виктория
ӕмбуар хӕсты спорты мастер
Къæмдзæстыг, рӕсугъд, къӕсхуыр чызг ныфсджынӕй равзæрста нӕлгоймаджы дӕсныйӕдтӕ — сахуыр кодта Кадетон скъолайы, цыд ӕмбуар хӕсты секцимӕ, ныр сæххæст кодта йæ бæллиц - бацыд ахуырмæ Мидхъуыддӕгты министрады академимӕ æмæ уый адыл ахицæн спортæй.

Дыгъуызты Виктория æмбуар хæсты цы цыбыр рæстæг архайдта, уым ын бантыст 12 хатты схизын уӕлахиздзауы пьедесталмӕ ӕмӕ 17-аздзыдӕй ссис ӕмбуар хӕсты спорты мастер.
Left
Right
Аннæ тренер Уалыты Вахтангмæ цæттæ кæны фылдæр чызджытæ. Уыдонæн спортмæ ис уæлæнгайдæр ахаст, кæд стыр уæлахизтæм нæ тырнынц, уæддæр æрвыл изæр университеты лекциты фæстæ тырнынц залмæ.

Уаниты Линда æмæ Зозырты Этери дæр æгас секцийы сты дыууæ чызгæй.
Уалыты Вахтанг
ӕмбуар хӕсты тренер
Уалыты Вахтанг
ӕмбуар хӕсты тренер
Дыгъуызты Милена
армспорты иунӕг чызг-архайӕг Хуссар Иры
"Ме 'мкъласаг лæппутимæ-иу рахæцыдтæн "скандербегӕй" æмæ-иу сæ рамбылдтон. Уый фæстæ мӕ скъола-интернаты мæ ахуыргæнæг сразæнгард кодта скъолайон ерыстæм. Уым мӕ къухы бафтыд ӕнтыст ӕмӕ бацыдтæн цæттæ кæнынмæ мӕ фыццаг тренер Коцты Димамæ. Ныридæгæн кусӕм спортивон скъолайы, уæззау атлетикæйы хатæны иу къуымы тренертӕ
Уалыты Руслан æмæ Джиоты Валентинимæ."

17-аздзыд Дыгъуызты Милена у иунæг чызг Хуссар Ирыстоны, кæцы архайы сылгоймагӕн ӕнахуыр спорты хуызы — армспорты. Æрыгон чызг бафсæрста ацы секцимӕ дыууæ азы размæ. Йæ фыццаг ерысты бацахста дыккаг бынат, фӕлӕ уымæй фæстæмæ дæргъвæтин рæстæг басæттын никæмæн уал бакуымдта.
Чызг æрмспортмæ тынг æвзыгъд кæй у, уый бамбæрста, йе 'мкар лæппуты-иу æнцонтæй куы рамбылдта, уый фæстæ.

Ӕрдзæй тыхæй лæваргонд чызг, зындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, йæхицæн сывӕрдта фидар нысан — дунейы чемпион суæвын.

"Сфæнд кодтон дунейы уæлахиздзау суæвын ӕмӕ кæд армспорт бахæссой олимпиаг дисциплинӕтæм, уæд та уым дæр рамбулын", — балхынцъ кодта уый.

Сентябры та армхæцæг барухс кодта йæ табугæнджыты зæрдæтæ - дунейы чемпионаты Будапешты рамбылдта бронзæйон майдан æрыгæтты хсæн.

Спортивон карьерӕйӕ дарддӕр ма Миленайӕн ис иу бӕллиц — йӕхи медицинӕйы къабазы бафӕлварын. Скъолайы фӕстӕ чызг фӕнд кӕны медицинон академимӕ бацӕуын ӕмӕ республикӕйы зындгон дохтыр суӕвын.
АВТОР
Плиты Фатима

ДИЗАЙНЕР
Хацырты Донат
ФОТО
Айриян Наталья
ВИДЕО
Хаситы Михаил